Лекции.Орг


Поиск:




Категории:

Астрономия
Биология
География
Другие языки
Интернет
Информатика
История
Культура
Литература
Логика
Математика
Медицина
Механика
Охрана труда
Педагогика
Политика
Право
Психология
Религия
Риторика
Социология
Спорт
Строительство
Технология
Транспорт
Физика
Философия
Финансы
Химия
Экология
Экономика
Электроника

 

 

 

 


AElig;мбарынгæнæн фыстæг

Кусæн программæ арæзт æрцыд ног стандарты домæнтæм гæсгææмæ ЮНЕСКО-йы кафедрæйы арæзт ахуырадон комплекты бындурыл. Ирон æвзагæн  лæвæрд цæуы къуыри 2 сахаты (æдæппæт 34 ахуырадон къуырийы-68 сахаты)

Кæд æмæ райдайæн скъола бындур æвæры сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн, уæд ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- цæмæй ахуырдзаутæ кæрæдзиимæ иронау дзурын сахуыр уой, уый тыххæй сын хъæуы сæ раст кæсыны, фыссыны æмæ хъуыды кæныны фæлтæрддзинад фидар кæнын:

- ахуырдзауты фысгæ ныхасы рæзтыл кусын, грамматикæйы фарстаты сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнын:

- сывæллæтты алывæрсыг хъомыладыл кусын мадæлон æвзаджы фæрцы.

Ахуыргæнæгæн бæрæггонд нысантæ сæххæст кæнын хуыздæр бантысдзæн кæсыны æмæ æвзаджы урокты.

Ахуырадон  стандартты домæнтæм гæсгæ Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа. Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты размæ æвæрд ис бæрнон проблемæ - предметы ахуыр кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын. Уыцы нысан æнцондæр у райдайæн скъолайы æххæст кæнын.

Ирон æвзаджы программæйы сæйраг идея у скъоладзауы ахуыры процессы сæйраг архайæг уæвынмæ сразæнгард кæнын.

Ирон æвзаджы программæйы сæйраг хицæндзинад – скъоладзаутæн комплексон æгъдауæй æвзаджы тыххæй зонындзинæдтæ раттын.

Æвзагзонынады программæйы спецификонхицæндзинæдтæ:

o мадæлон æвзагыл дзурыны нормативон арæхстдзинад: дзырдты растфыссынад æмæ растдзурынад, хъуыдыйæдты арæзт æмæ фыссынад.

o лингвистон компетенци: æвзаджы иуæгты системон ахуырад, сæ арæзт, зæлынад, фыссынад æмæ ныхасы.

o ныхасы компетенци: ныхас æмбарын æмæ дзы арæхстджынæй пайда кæнын хъуыдыйæдтæ аразгæйæ:

o коммуникативон компетенци: æвзагæй пайда кæныны фæлтæрддзинад ныхасы алыхуызон сферæты (царды, ахуырады, официалон, социалон æмæ культурон) рæзын кæнын

o культурон компетенци:

o лингвокультуроведческая (лингвокультурологическая) компетенция: изучение русского языка проводится на основе диалога национальной культуры с русской культурой с целью более глубокого понимания их обеих, а также русского языка и русской речи, созданных на русском языке произведений, для подготовки учащегося к межкультурной коммуникации и для его воспитания как поликультурной личности.             

    Программæ домы, цæмæй ахуырдзаутæ хицæн кæной мыртæ æмæ дамгъæтæ

Программæ домы, цæмæйскъоладзаутæ базонойтекстысæйрагдæрхъуыдырахицæнкæнын, уацмысымидисхиныхæстæйрадзурын, дзырдтынысаниуæгзонын, текстæнйæ аивадон æууæлтæ рахатын; сахуыруойхъуыдыкæнын, рæзасæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгардкæнойчиныгкæсынмæ.

Æ взагзонынадыпрограмм æ йыс æ йрагнысан:

· гуырынкæнынуарзондзинадмадæлон æвзагмæ, куыд æппæтиронадæмыкультурæйы æвдисæнмæ;

· ахуырдзаутæмирон æвзаджыарæзт æмæ функицоналонархайдалысферæты æмæ ситуацитызонындзинæдтæ рæзынкæнын;

Æ взагзонынады программ æ йыс æ йрагх æ ст æ:

· ирон æвзагмæ уæлдай ахаст гуырын кæнын, куыд ирон культурæйы аивдæр фæзынд;

· разæнгард кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы культурæйы бындурон ахуырмæ,

· раттын зонындзинæдтæ ирон æвзаджы нысанты системæй йæ арæз æмæ йæ функцитæ 

· зонындзинæдтæй практикон æгъдауæй пайда кæнын литаретурон æвзагыл дзургæ æмæ фысгæ ныхасы

Предметы струткурæ

 

Райдайæн кълæсты ирон æвзаг ахуыр кæнын у лингвистикон ахуырадоы æмæ сывæллæтты ныхасы рæзты фыццаг сæрмагонд этап. Йæ сæрмагондзинад уый мидæг ис, æмæ у æнгом баст у иннæ ахуырадон предметтимæ, уæлдай дæр та ирон литературон кæсынадимæ æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературон кæсынадимæ. Иумæ райсгæйæ аразынц иу ахуырадон хай-дилологи.

Фыццæгæм къласы ирон æвзаг æмæ ныхасы разтыл куысты бындур у «Абетæ» ахуыр кæныны рæстæг. Дих кæны æртæ хайыл:

1. бацæттæгæнæн рæстæг;

2. дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг;

3. рацыд æрмæг бафидар кæныны рæстæг.

Ацы хæйттæй алкацыйæн дæр лæвæрд цæуы сахæттæ 12с.-бацæттæгæнæн рæстæгæн, 64с-абетæ ахуыр кæнынæн æмæ 20с.-кæсын æмæ фыссын ахуыр кæнынæн.

Кæсын-фыссын ахуыр кæныны сæйраг хæс у: дамгъæтæ фыссын ахуыргæнгæйæ сабиты кæсыныл дæр æфтауын.

Сывæллæттæн, хуымæтæг хуызы сæ графикон æмæ кæсыны навыктæ фидаргæнгæйæ, уæрæхдæр кæны сæ алыварсы дунеæмбарынад, хъæздыг æмæ активон кæны сæ дзырдуат, рагагъоммæ рæзын, сæ грамматикон –орфографион зонындзинæдтæ.

Ног програмæмæ гæсгæ (Юнескойы кафедрæйы проектмæ гæсгæ) афæдзы фæстаг цыппæрæм хайы æвзаг æмæ литературæ хицæн предметы хуызы ахуыр кæнын кæй райдайынц, уымæ гæсгæ сабитæн уæрæхдæр кæнынц сæ дунеæмбарынад æмæ хъуыдыкæнынад, хъæздыгдæр кæны сæ ныхасы хъæд æмæ дзырдуат.

Сывæллæттæ фыццаг хатт 1-ам къласы базонгæ вæййынц ирон æвзаджы системæ æмæ ныхасы культурæимæ

Предмет «Ирон æвзаг æмæ литературон кæсынад» ахуыр кæныны мидисы рахицæн кæнæн ис ахæм хæйттæ:

- коммуникативон зонындзинæдтæ ныхасы сæйраг хуызты: хъусын, дзурын, кæсын æмæ фыссыны:

- æвзаджы мадзæлттæ æмæ сæ пайда кæныны фæлтæрддзинад;

- социокультурон зонындзинæдтæ;

- иумæйаг ахуырадон æмæ сæрмагонд ахуырадон зонындзинæдтæ.

Ацы цыппар хайǽ сæйрагдæр у фыццаг – коммуникативон, уымæн æмæ уый фæрцы сбæрæг кæнæн ис, сывæллон цы базыдта ахуыры алы этапты, уый. Фæлæ цыппар хайы кæрæдзийыл сты æнгом баст, æппарæн дзы никæцыйæн ис, уæд хæлд æрцæудзæн ахуырадон предмет «Ирон æвзаг æмæ литературон кæсынады» иудзинад.

 

 

Предметон хай «Ирон æвзаджы системæ»

1 хай. «Фонетикæ æмæ графикæ»

- мыртæ æмæ дамгъæтæ кæрæдзийæ иртасын;

- ирон æвзаджы мырты дих зонын (хъæлæсонтæ – цавдон/æнæцавдон, - лæмæгъ/тыхджын, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ; æмхъæлæсонтæ – æмкъай/æнæкъай, зылангон/æзылангон, дывæргонд, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ.)

- дамгъуаты кæрæдзийы фæдыл куыд æвæрд сты, уый зонын.

2 хай. «Орфоэпи»

Скъоладзауы сахуыр кæнын хъæуы:

- ирон литературон æвзаджы æгъдæуттæ зонын, ома ирон æмæ уырыссаг алфавиты уыцы иу дамгъæтæ алыхуызы мыртæ кæй дæттынц, уый зонын (з, с, ц, дз); кавказаг кæй хонæм (хъ,къ,цъ ǽмǽ а.д.), уыцы мырты растдзурынад. Уыдон цæйбæрц хорз бамбарой, уымæй аразгæ уыдзæн сæ аив дзырд.

3 хай. «Дзырды арæзт»

Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

- дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын, иу рæнхъæй иннæмæ хæссын;

- адæймæгты нæмттæ æмæ мыггæгтæ, уынгты, фосы æмæ æнд. ах. нæмттæ стыр дамгъæйæ фысгæ кæй сты.

4 хай. «Лексикæ»

Скъоладзауы зонын хъæуы:

- дзырдтǽ фæрстытæм гæсгæ иртасын (чи? цы?);

- дзырдтǽ сæ нысаниуæгтæм гæсгæ иртасын (комкоммæ ахæсгæ);

- дзырдтæм антонимтæ, синонимтæ æвзарын зонын;

5 хай. «Морфологи» (ног чингуытæм гæсгæ)

- номдары грамматикон миниуджытæ иртасын (хауæн, нымæц)

- миногоны грамматикон миниуджытæ иртасын (хауæн, нымæц); миногон номдаримæ бастæй куыд тасындзæг кæны;

Мивдисæджы грамматикон миниуджытæ иртасын (нымæц, афон, цæсгом)

6 хай. «Синтаксис»

Скъоладзауы ахуыр хъæуы:

- ныхас хъуыдыйæдтыл дих кæнын;

- хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ иртасын, - хъæлæсы уагæй раст дзурын;

- хъуыдыйады райдайæн стыр дамгъæйæ фыссын, йæ кæроны та стъæлф æвæрын.

Предметон хай «Орфографи æмæ пунктуаци»

Скъоладзауæн бацамонын:

- растфыссынады æгъдæуттæ (хæрз хуымæтæг хуызы)

- чиныгæй æнæ рæдыдæй чысыл тексттǽ фыссын;

- ахуыргæнæджы кастмæ гæсгæ чысыл тексттæ фыссын, рæдыдтыл кусгæйæ сабийæн йæхицæн агурын кæнын йæ рæдыд.

Предметон хай «Ныхасы рæзт»

Сывæллæтты ахуыр кæнын:

- дзырдты бæлвырд тематикон къордтыл дих кæнын;

- фæрстытæм гæсгæ цыбыр радзырдтæ аразын;

- хуымæтæг мидисджын нывтæ æвзарын æмæ уыдонмæ гæсгæ дзургæ сочиненитæ æмæ радзырдтæ аразын;

- æрвылбон архайын иронау аив дзурыныл;

- искæйы ныхасмæ бæстон хъусын æмæ йын раст дзуæппытæ дæттын;

- хи хъуыдытæ дзурын;

- хибарæй лæвæрд текстæн йæ хъуыдымæ гæсгæ сæргонд дæттын;

- хи ныхæстæй цыбыр тексттæ дзурын;

- сфæлдыстадон куыстытæ кæнын.

 

 



<== предыдущая лекция | следующая лекция ==>
Русловой режим водохранилищ и нижних бьефов | Дыккаг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Поделиться с друзьями:


Дата добавления: 2018-10-18; Мы поможем в написании ваших работ!; просмотров: 167 | Нарушение авторских прав


Поиск на сайте:

Лучшие изречения:

Наглость – это ругаться с преподавателем по поводу четверки, хотя перед экзаменом уверен, что не знаешь даже на два. © Неизвестно
==> читать все изречения...

2648 - | 2219 -


© 2015-2024 lektsii.org - Контакты - Последнее добавление

Ген: 0.19 с.